24 Уыцы дыууӕ фӕлгӕты хъуамӕ бынӕй уой саджилгонд, уӕлейӕ та (фыццаг цӕг кӕм ис, уым) — ӕнӕхъӕн. Ахӕм фӕлгӕттӕ хъуамӕ уой дыууӕ, алы фисынӕн дӕр — фӕйнӕ.
фӕстаг дыууӕ фисынӕн та — фӕйнӕ.
Уыцы аст фӕлгӕтӕн скӕнын хъӕуы ӕхсӕрдӕс ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви?
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.