36 Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусчытӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ, ӕд зӕнг — хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕнӕхъӕн къӕрттӕй цагъд.
Соломон рацӕгъдын кодта дыууӕсӕдӕ стыр сыгъзӕрин уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.
Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацӕгъд цырагъдарӕн, йе ’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй куыд уой, афтӕ.
Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусгӕндтӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ ӕмӕ ӕд зӕнг — уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй цагъд.
Цырагъдарӕн та ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъзӕринӕй конд уыди, йӕ зӕнгӕй йӕ сыфты онг — сыгъзӕрин цагъд; Дунедарӕг ын цы хуызӕг фенын кодта, уый халдихӕн сарӕзта Моисей цырагъдарӕн.