Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 25:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 25:30
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.


Се ’рвадӕлтӕй, Кехаты байзӕддӕгтӕй, кӕйдӕрты бӕрны уыди, алы сабат дӕр-иу Дунедарӕджы раз Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдӕуыд, уыцы дзултӕ фыцын.


Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.


Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.


Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


фынг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, стӕй, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдон,


фынг йе ’ппӕт дзауматӕ ӕмӕ, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдонимӕ,


ӕмӕ фынгыл, Дунедарӕджы раз, равӕрдта дзултӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр.


Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у».


Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.


Мӕ нывондхӕссӕнмӕ Мын нӕфӕтчиаг дзул ӕрбахӕссут ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзурут, цӕмӕй Дӕ кӕнӕм ӕгад, зӕгъгӕ. Дунедарӕджы фынг кады аккаг нӕу, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, уымӕй.


Дунедарӕджы раз цы фынг ис, ууыл хъуамӕ ӕрытауой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл равӕрой тӕбӕгътӕ, куыситӕ ӕмӕ кӕхцытӕ, стӕй хъалацтӕ сӕнӕн; иудадзыг ыл цы дзултӕ ӕвӕрынц, уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ уой йӕ уӕлӕ.


Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.


Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.


Сауджын загъта Давидӕн: «Ӕнӕуи дзул мӕм нӕй, фӕлӕ мӕм ис кувӕггаг дзул. Ӕрмӕст, кӕд дӕ адӕм сӕхиуыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ нӕ фесты, уӕд».


Давид ын дзуапп радта: «Хӕстон балцы куы рацӕуӕм, уӕд сылгоймӕгтӕ тобӕгонд вӕййынц махӕн. Нӕ балц Хуыцауы номыл куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр мӕ адӕм куы никуы фӕчъизи кӕнынц сӕхи, уӕд абон куыннӕ хъуамӕ баззадаиккой сыгъдӕгӕй?»


Ӕмӕ йын сауджын радта кувӕггаг дзултӕ. Хуымӕтӕг дзул ӕм нӕ уыди, фӕлӕ, Дунедарӕджы раз кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрынц, ӕрмӕстдӕр ахӕм дзултӕ. Уыдон ист ӕрцӕуынц кувӕндоны фынгӕй ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон сӕ бӕсты ӕрӕвӕрдӕуы ногконд дзултӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ