29 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скӕн тӕбӕгътӕ, сӕнӕн та — къустӕ, куыситӕ, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ.
Фынгхӕссӕн хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй.
Ӕппынфӕстаг фынгӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодта мигӕнӕнтӕ: къустӕ ӕмӕ куыситӕ — хӕрздӕфгӕнӕнтӕн, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ та — сӕнӕн.
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Дунедарӕджы раз цы фынг ис, ууыл хъуамӕ ӕрытауой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл равӕрой тӕбӕгътӕ, куыситӕ ӕмӕ кӕхцытӕ, стӕй хъалацтӕ сӕнӕн; иудадзыг ыл цы дзултӕ ӕвӕрынц, уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ уой йӕ уӕлӕ.
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;
Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы;
Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.