28 Фынгхӕссӕн хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй.
Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй састӕр, йӕ кӕрӕттыл ын сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн, йӕ фӕйнӕфарс сӕ цӕгты батъысс.
Хъуамӕ цӕгтӕ ӕнгом бацӕуой сисмӕ — хъилтӕ-иу сӕ атъысдзысты, фынг ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скӕн тӕбӕгътӕ, сӕнӕн та — къустӕ, куыситӕ, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ.
ӕлдыгъгонд ӕмӕ сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъацийы хъӕдӕрмӕг,
Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой.
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.