26 Сыгъзӕринӕй сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн фынджы къӕхты сӕрмӕ, йӕ цыппар фисыны.
Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн Фидыды Чырыны цыппар къахыл: дыууӕ цӕджы — йӕ иу фарсыл, дыууӕ та — йӕ иннӕ фарсыл.
Фынджы кӕрӕтты скӕн армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Хъуамӕ цӕгтӕ ӕнгом бацӕуой сисмӕ — хъилтӕ-иу сӕ атъысдзысты, фынг ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд.