25 Фынджы кӕрӕтты скӕн армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Денджызӕн йӕ бӕзн уыди армытъӕпӕны йас, йӕ был та уыди нуазӕны былты хуызӕн, раст, хъоппӕг дидинӕг куы райхӕлы, уый ӕнгӕс. Дон дзы цыди ӕртӕ мин баты бӕрц.
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Сыгъзӕринӕй сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн фынджы къӕхты сӕрмӕ, йӕ цыппар фисыны.
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ.
Фынджы кӕрӕтты скодта армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауагъта.
Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ.
Мӕнӕ нывондхӕссӕны арӕзт, йӕ ас, ӕлмӕринтӕй баргӕйӕ (хуымӕтӕг ӕлмӕринӕй армытъӕпӕны бӕрц стырдӕртӕ). Йӕ бындуры тигъы уӕрх у иу ӕлмӕрин, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд дӕр — иу ӕлмӕрин. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй ис цыхцырӕг къахт, уылынджы йас. Уый у нывондхӕссӕны бындур.