Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 25:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Акъацийӕ сараз фынг, йӕ дӕргъ — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 25:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


кувӕггаг дзултӕ кӕуыл ӕрӕвӕрдӕуы, уыцы фынгтӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист фынгтӕн се ’взисты уӕз;


Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.


Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.


фынг ӕмӕ йӕ дзауматӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн,


фынг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, стӕй, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдон,


Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у».


Дунедарӕджы раз-иу сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фынгыл дыууӕ рӕнхъӕй ӕрӕвӕр, алы рӕнхъы дӕр ӕхсӕз дзулы куыд уа, афтӕ.


Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Ӕрӕмбӕрзӕнт сӕ сырх-сырхид ӕмбӕрзӕнӕй, уый та сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕмӕ хъилтӕ ныссадзӕнт.


Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ