Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 25:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 25:21
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодтой, кады худ ыл ӕркодтой ӕмӕ йын радтой паддзахиуӕджы нысӕнттӕ. Йехода ӕмӕ йӕ фырттӕ йӕ паддзахӕй байсӕрстой. Адӕм се ’ппӕт дӕр цинхъӕр систой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Аарон маннӕйы дурын сӕвӕрдта Фидыды Чырыны раз, цӕмӕй уыцы ран ӕфснайд уа, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Фидыды Чырынӕн Рухсмонуаты йӕ сӕр йӕ уӕлӕ сӕвӕр.


Нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны аууон ис, уый раз, йӕ сӕры бакомкоммӕ. Фидыды Чырыны сӕрмӕ-иу дӕм Ӕз раргом уыдзынӕн.


Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.


Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.


Бавӕр лӕдзджытӕ Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны раз, Ӕз уӕм кӕм раргом вӕййын, уыцы ран.


Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ.


Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.


Хохӕй рараст кодтон, ӕрцыдтӕн ӕмӕ къӕйдуртӕ, Дунедарӕг мын куыд загъта, афтӕ Чырыны бафснайдтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ