20 Се ’ргом — кӕрӕдзимӕ, сӕ цӕстӕнгас — Фидыды Чырыны сӕрмӕ, херувимтӕ йын сӕ хӕрдмӕтыгъд базыртӕй ӕмбӕрздзысты йӕ сӕр.
Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.
Рухсмонуаты мидӕг оливӕ бӕласы хъӕдӕй скодта дыууӕ херувимы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины.
Соломон базыртыгъд херувимты сӕвӕрдта Рухсмонуаты мидӕг, кӕрӕдзийы фарсмӕ. Сӕ кӕройнаг базырты кӕрӕттӕ ӕндзӕвыдысты Кувӕндоны фӕйнӕ къулыл, сӕ иннӕ базырты кӕрӕттӕ та — кӕрӕдзиуыл.
Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты Фидыды Чырыны сӕрмӕ тыгъд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ.
будсудзӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, стӕй уӕрдонӕн — ома йӕ тыгъд базыртӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи ӕмбӕрзы, уыцы херувимтӕн — йӕ сыгъзӕрины уӕз.
Рухсмонуаты мидӕг хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта дыууӕ базыртыгъд херувимы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй.
Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.
Удгоймӕгтӕ цыдысты, Уд кӕцырдӕм амыдта, уыцырдӕм. Уд-иу кӕдӕмфӕнды ма амонӕд — цӕлхытӕ дӕр-иу сӕхи хӕрдмӕ систой удгоймӕгтимӕ, уымӕн ӕмӕ удгоймӕгты Уд цӕлхыты мидӕг дӕр уыди.
Дӕу байсӕрстӕуыд, цӕмӕй суай хъахъхъӕнӕг херувим. Хуыцауы уаз хохыл ӕрӕвӕрдтон Ӕз дӕу, ӕмӕ цӕхӕркалгӕ дурты астӕу ды рацу-бацу кодтай.
Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.
Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый».
Уымӕ гӕсгӕ хицаудзинады нысанӕн сылгоймаг йӕ сӕрыл хъуамӕ сӕрбӕттӕн дара — зӕдтӕн зонынӕн.
Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ махӕн, апостолтӕн, Хуыцау бынат снысан кодта ӕппӕты кӕронӕй, цыма нын адӕмы цӕсты раз амӕлыны тӕрхон рахастӕуыд, афтӕ. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне — зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.
цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.
Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.
Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.