2 «Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ Мын мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кӕной. Кӕй цы фӕнды, уый раттӕд.
Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.
Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы хӕдзар ис, уырдӕм барвӕндоны нывӕндтимӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар бындуронӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ.
уыдон, ӕгас Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕрӕмбырд кӕнай ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн Йерусалимы барвӕндӕй цы лӕвӕрттӕ ракӕной, уыдӕттимӕ иумӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнынмӕ.
Адӕм арфӕ ракодтой, барвӕндӕй Йерусалимы ӕрцӕрыныл чи сразы ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Ӕмбырд кӕнут ахӕм лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы,
Зӕххы хайы бӕсты сын Ӕз, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн кӕй дӕттынц, уыцы дӕсӕймаг хай радтон. Уымӕн зӕгъын, израилӕгты ’хсӕн сын зӕххы хай кӕй нӕ уыдзӕн».
Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.
Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!