Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 25:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18-19 Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 25:18
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.


будсудзӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, стӕй уӕрдонӕн — ома йӕ тыгъд базыртӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи ӕмбӕрзы, уыцы херувимтӕн — йӕ сыгъзӕрины уӕз.


Рухсмонуаты мидӕг хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта дыууӕ базыртыгъд херувимы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй.


Фидыды Чырынӕн йӕ сӕр скӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.


Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусчытӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ, ӕд зӕнг — хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕнӕхъӕн къӕрттӕй цагъд.


Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты ’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты ’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди.


Адон уыдысты, Израилы Хуыцауы бадӕны бынмӕ Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ ӕз базыдтон, херувимтӕ кӕй уыдысты, уый.


Ныр херувимтӕ та лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, ӕмӕ мидӕггаг кӕрт ӕврагъӕй байдзаг.


Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ