17 Фидыды Чырынӕн йӕ сӕр скӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.
Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн;
Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.
Фидыды Чырынӕн Рухсмонуаты йӕ сӕр йӕ уӕлӕ сӕвӕр.
Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йӕ сӕр, стӕй мидӕмбӕрзӕн,
Фидыды Чырынӕн скодта сӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.
Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.
Дӕу байсӕрстӕуыд, цӕмӕй суай хъахъхъӕнӕг херувим. Хуыцауы уаз хохыл ӕрӕвӕрдтон Ӕз дӕу, ӕмӕ цӕхӕркалгӕ дурты астӕу ды рацу-бацу кодтай.
Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,
Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.
Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.
Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.