14 Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн, йӕ фӕйнӕфарс сӕ цӕгты батъысс.
Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой.
Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».
Акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй састӕр.
Ӕдзухдӕр хъуамӕ цӕгты тъыст уой — уырдыгӕй сын исӕн нӕй.
Хъуамӕ цӕгтӕ ӕнгом бацӕуой сисмӕ — хъилтӕ-иу сӕ атъысдзысты, фынг ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд.
Фынгхӕссӕн хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй.
Сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа.
Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».