Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ уыдта, Рухсмонуаты дуармӕ-иу чи ӕрлӕууыд, уый, фӕлӕ уымӕй ӕддӕдӕр нӕ зындысты. Фидыды Чырыны хуылфы ницы уыди, дыууӕ къӕйдуры йеддӕмӕ. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ куы бафидыдта, уӕд сӕ Хоревы хохыл Моисей нывӕрдта уыцы Чырыны. Ӕмӕ ныронг дӕр уым сты.