12 Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн Фидыды Чырыны цыппар къахыл: дыууӕ цӕджы — йӕ иу фарсыл, дыууӕ та — йӕ иннӕ фарсыл.
Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй састӕр, йӕ кӕрӕттыл ын сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй састӕр.
Ӕдзухдӕр хъуамӕ цӕгты тъыст уой — уырдыгӕй сын исӕн нӕй.
Сыгъзӕринӕй сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн фынджы къӕхты сӕрмӕ, йӕ цыппар фисыны.
Фӕлгӕттӕ састӕр сыгъзӕринӕй, сыгъзӕринӕй скӕн цӕгтӕ, уӕладзӕнтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕр сыгъзӕринӕй.
Нывондхӕссӕн йӕ бынатӕй куы хӕссат, уӕд-иу уыцы хъилтӕ, йӕ фӕйнӕфарс цы цӕгтӕ ис, уыдоны акӕндзыстут.
Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн — йӕ фӕйнӕфарс цӕгты батъыста.
батъыста сӕ нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс цӕгты, цӕмӕй йӕ хӕссӕн уа. Нывондхӕссӕн скодта фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уыдаид, афтӕ.
Скодтой дыууӕ сыгъзӕрин фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ дыууӕ цӕджы бафидар кодтой риуылдарӕны дыууӕ къуымы.