11 Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй састӕр, йӕ кӕрӕттыл ын сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Рухсмонуатӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдысты ӕмиӕстӕ — ссӕдзгай ӕлмӕринтӕ. Соломон ӕй иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Стӕй, кедр хъӕдӕй цы нывондхӕссӕн скодта, уый дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
Кувӕндоны тыргъӕн йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, агъуыстӕн йӕхи уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ мидӕггаг къултӕ йын Соломон састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн Фидыды Чырыны цыппар къахыл: дыууӕ цӕджы — йӕ иу фарсыл, дыууӕ та — йӕ иннӕ фарсыл.
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ къуымы бафидар кӕн,
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ.
Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.