Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 24:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уый размӕ Израилы хистӕртӕн та загъта: «Ам лӕуут, цалынмӕ мах фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ. Мӕнӕ Аарон ӕмӕ Хур уыдзысты уемӕ, ӕмӕ уӕ исты хъуыддаг кӕмӕ уа, уый-иу ӕй уыдонӕн зӕгъӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 24:14
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ бакувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».


Йешуа, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ амалекӕгтимӕ схӕцыд, Моисей та Аарон ӕмӕ Хуримӕ къуыбырыл ӕрлӕууыд.


Фӕлӕ Моисейы къухтӕ куы ӕруӕззау сты, уӕд ын дур ӕрбахастой. Моисей дурыл ӕрбадт, Аарон ӕмӕ йын Хур та дыууӕрдыгӕй хӕрдмӕ хӕцыдысты йӕ къухтыл. Хурныгуылдмӕ йын сӕ дӕлӕмӕ не ’руагътой,


Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


Мӕ разӕй-иу цу Гилгалмӕ. Ӕз дӕм ныццӕудзынӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд боны-иу банхъӕлмӕ кӕс ме ’рцыдмӕ, стӕй дын бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ