30 Чысылгай сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ уӕхӕдӕг сбирӕ уат ӕмӕ уыцы бӕстӕ иууылдӕр уӕхи бакӕнат, уӕдмӕ.
Цадӕггай фесафдзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй ацы адӕмты, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕваст куы скуынӕг кӕнат, уӕд сӕ бынаты хъӕддаг сырдтӕ ӕгӕр сбирӕ уыдзысты.
Ливанӕй Мисрефот-Маимы онг хӕхбӕсты цӕрӕг ӕппӕт сидойнӕгты Ӕз Мӕхӕдӕг атӕрдзынӕн израилӕгты разӕй. Ды та зӕхх Израилӕн халӕппӕрстӕй байуар, куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ.
Гъемӕ уын ӕз халӕппӕрстӕй уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн исбонӕн байуӕрстон, ардыгон адӕмтӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдоны зӕххытӕ, Иорданӕй хурныгуылӕнӕрдӕм — суанг Стыр денджызы онг (уыимӕ, цы адӕмты ныццагътон, уыдоны зӕххытӕ дӕр).
Уӕ цурӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг фӕсурдзӕни уыцы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кӕндзӕн, ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ уӕхицӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райсдзыстут, йӕ заманы уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд.