27 Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.
Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.
Лидзӕг сӕ фӕкодтай мӕ разӕй ӕмӕ ӕз ныццагътон ме сӕфтмӕ бӕлджыты.
Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».
Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.
Ма адард у мӕнӕй, — мӕ хъизӕмары бон ӕрӕввахс, ӕххуысгӕнӕг та нӕй.
Мӕ зӕды уын арвитдзынӕн уӕ разӕй ӕмӕ фӕсурдзынӕн ханаанӕгты, аморӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.
Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд.
Израилӕгтӕ уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ моавӕгтӕ иууылдӕр тасы бацыдысты.
уӕд Уый уӕ цурӕй ацы адӕмты се ’ппӕты дӕр фӕсурдзӕн, уӕд басӕтдзыстут, нымӕцӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмты.
Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.
Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.
цӕмӕй уын уе знӕгты уӕ цурӕй фесафа. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕ амӕттаг сӕ бакӕндзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, ӕмӕ сӕ иу дӕр удӕгасӕй нал аирвӕздзӕн.
Филистимӕгтӕ иууылдӕр фӕудаист сты: рӕсӕнуаты ӕмӕ йӕ алфамбылай чи уыдис, уыдон, стӕй бӕстӕ гӕныстонгӕнджытӕ ӕмӕ Михмасмӕ бацӕуӕн хъахъхъӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты. Ӕгас зӕхх дӕр нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау стыр тас бафтыдта филистимӕгтыл.