Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 23:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 23:26
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


Давид базӕронд, бафсӕсти цардӕй ӕмӕ Израилы сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны.


Сӕ богътӕ бауадзынц гуырдз, сӕ хъуццытӕн тас нӕу фефтауынӕй.


Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.


Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.


Дӕ паддзахдзинад у ӕнусон, Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг, иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни, цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уымӕй дзурдзысты, цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ. Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй, ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.


О, ратт сын, Дунедарӕг, — цы Дӕ ракурон ӕз уыдонӕн? — ӕнӕзӕнӕг сӕ скӕн, мады ӕхсыр ма фенӕд сӕ хъӕстӕ!


Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Адӕмты ’хсӕн ӕппӕты арфӕгонддӕр сымах уыдзыстут: нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр, цот кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, нӕдӕр хуыскъ фос.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ