25 Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ.
дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.
Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».
Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.
Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.
Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Дӕс боны фӕстӕ, паддзахы фынгӕй цы лӕппутӕ хордтой, уыдонӕй хӕрзхуыздӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр разындысты.
уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. Уӕхи сыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уаз ут, Ӕз уаз куыд дӕн, афтӕ. Хилӕг цӕрӕгойтӕй уӕхи макӕцыйы фыд хӕрынӕй фӕчъизи кӕнут,
Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат,
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».
Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат;
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр.
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл цӕут, Уымӕй тӕрсут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын ӕххӕст кӕнут ӕмӕ Йӕм хъусут, лӕггад Ын кӕнут ӕмӕ Йыл иузӕрдион ут.
Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.
Хуыцауӕн уарзон уыдзыстут, ӕмӕ уын арфӕ ракӕндзӕн; сымахӕн раттынӕй уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым мыггагарӕх уыдзыстут. Арфӕгонд уыдзысты уӕ зӕнӕг ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, уӕ хойраг, уӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, уе стуртӕ ӕмӕ уӕ фысвосы цӕуӕт.
Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.
Ӕрмӕст уӕхи хъарут, Дунедарӕджы минӕвар Моисей уын цытӕ фӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕмӕ уын цы дин ныууагъта, уый биноныг ӕххӕст кӕныныл. Уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Йӕ амынд фӕндӕгтыл Ын цӕут, Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын иузӕрдион ут, уӕхи Йыл ныхасут ӕмӕ Йын зӕрдиагӕй, уӕ уды ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнут».
Ӕмӕ адӕм Йешуайӕн загътой: «Нӕ, мах Дунедарӕгӕн лӕггад кӕндзыстӕм».
Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».
Самуел адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут! Кӕд ӕппӕт уыцы фыдракӕндтӕ сарӕзтат, уӕддӕр Дунедарӕгӕй уӕхи ма иуварс кӕнут, зӕрдиагӕй Йын кувут.
Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.
Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».