Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 23:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 23:24
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Буд сыгътой ӕппӕт кувӕн къуыбыртыл, Дунедарӕг сын сӕ цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты фӕзмгӕйӕ. Дунедарӕгӕн масты хос чи уыд, ахӕм ӕнаккаг митӕ кодтой.


Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ.


Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, ӕцӕг алы хъуыддаджы йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды нӕ фӕзмыдта. Йӕ бынатӕй айста Баалы гуымиры, йӕ фыд кӕй сарӕзта, уый.


Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Амациа едомӕгты куы ныддӕрӕн кодта, уӕд йемӕ ӕрбахаста Сеиры хуыцаугӕндты, йӕхицӕн сӕ хуыцӕуттӕ скодта, кувын ӕмӕ сын буд судзын райдыдта.


Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.


Фӕлӕ Менассиа Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд афтӕ сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ израилӕгтӕн бынат суӕгъд кӕныны тыххӕй Дунедарӕг цы адӕмты ныццагъта, уыдонӕй фӕфыддӕр сты.


Ды Де ’ргом ма аздах мӕнӕй, мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар, куы Дӕм дзыназон — дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй.


Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт.


Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд.


Уыцы адӕмтӕ хъуамӕ ма цӕрой сымах зӕххыл, науӕд уӕ фӕтӕригъӕдджын кӕндзысты — Мӕ ныхмӕ уӕ сардаудзысты. Уыдоны хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, сымах цъысымы бахаудзыстут».


Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.


Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.


Фыдӕнхъӕл фесты ӕмӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты. Дунедарӕг сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн, сӕ табуйаг дуртӕ сын фесафдзӕн.


Кӕм цардыстут, уыцы Мысыры, стӕй, кӕдӕм уӕ кӕнын, уыцы Ханааны хъуыддӕгтӕ дӕр ма бафӕзмут. Се ’гъдӕуттыл сын ма ныххӕцут.


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Уыдон адӕмы сӕ хуыцӕутты нывӕндтӕм хуыдтой, ӕмӕ дзы хордтой адӕм ӕмӕ сын куывтой сӕ хуыцӕуттӕн.


уӕд ын йӕ цӕрджыты се ’ппӕты дӕр фӕсурут уырдыгӕй, ныффалгӕрон сын кӕнут сӕ хуыцаугӕндты нывтӕ ӕмӕ джиппыуагъд сурӕттӕ, сӕ кувӕн къуыбыртӕ сын иууылдӕр сӕмлӕгъз кӕнут.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, табуйаг дурцӕджындзтӕ афадут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ арты хай бакӕнут, сӕ гуымирытӕ сын ныззыгуым кӕнут, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа уыцы рӕтты.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ