Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 23:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Мӕ зӕд ацӕудзӕн уӕ разӕй ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ йевусӕгтӕм — ӕмӕ Ӕз бабын кӕндзынӕн уыцы адӕмты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 23:23
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Дунедарӕг фараон ӕмӕ мысырӕгты Израилы адӕмы сӕрыл куыд бафхӕрдта, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куыд аирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.


Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.


Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“.


Аарон сын загъта: «Уӕ устытӕ, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕн сӕ хъусцӕджытӕ рафтаут ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбахӕссут».


Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.


Уӕдӕ ныр зонут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй зынгирвӕзтау цӕуы. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн уӕ разы. Фӕсурдзыстут сӕ, Дунедарӕг уын куыд загъта, афтӕ сӕ рӕхджы скуынӕг кӕндзыстут.


Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд.


Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»


Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм хӕхбӕсты, Шефелайы ӕмӕ Стыр денджызы ӕппӕт былгӕрӕтты, суанг Ливаны онг — хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты паддзӕхтӕм — Израилы адӕмы уӕлахизты кой куы байхъуыст,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ