22 Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.
Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды конд.
Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!
Сӕ фырттӕ раздӕры хуызӕн суыдзысты, се ’хсӕнад ӕрфидар уыдзӕн Мӕ разы. Ӕз сын се ’фхӕрджыты бафхӕрдзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:
Мысырӕй сӕ Чи ракодта, Уыцы Хуыцауӕн Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау! Уый аныхъуырдзӕни знаг адӕмты, се стджытӕ сын ныззыгуым кӕндзӕн, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзӕн!
Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.
Уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы ӕлгъыстытӕ иууылдӕр уе знӕгты, чи уӕ нӕ уарзы ӕмӕ уӕ фӕдыл чи зылд, уыдоны ныхмӕ сараздзӕн.
Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.
Израилӕгтӕ хиввӕгтӕн загътой: «Куыд хъуамӕ саразӕм уемӕ бадзырд? Уӕд та, мыййаг, нӕ зӕххыл цӕрут?»