18 Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.
Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут».
Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты.
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.
Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.
Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.
Бузныджы охыл цы фидыды нывонд ӕрхӕссой, уымӕн йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы нывонд ӕрхӕссыны бон, райсоммӕ уадзын дзы не ’мбӕлы.
Авд боны дӕргъы дӕ зӕххы хайыл ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр макӕцы ран уӕд, фыццаг бон изӕрӕй цы кусарт акӕнай, уымӕй та райсоммӕ мацыуал баззайӕд.