31 Сымах Мын хъуамӕ сыгъдӕг адӕм уат, ӕмӕ, сырд кӕй аргӕвда, ахӕм фосы фыд макуы бахӕрут, куыйтӕн-иу ӕй аппарут.
Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр бинонтӕ уыдоны сылгоймӕгтӕй хӕссынц ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ нӕ сыгъдӕг туг хӕццӕ кӕнынц. Уыцы ӕнӕуаг хъуыддаджы та, дам, ӕппӕты разӕй дзыллӕйы хӕрзӕджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ фесты.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».
Мацы хӕдмӕлы фыд-иу бахӕрӕд сауджын, мадӕр, сырд кӕй аргӕвста, маргъ уа ӕви фос, уый фыд.
«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.
Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргъты хицӕн кӕнут ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕй. Ӕнӕсыгъдӕгыл нымайын уын кӕй бафӕдзӕхстон, уыдонӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут: нӕдӕр цӕрӕгойтӕй, нӕдӕр мӕргътӕй, нӕдӕр хилӕгойтӕй.
Аароны байзӕддӕгтӕй хӕдмӕл фыд кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм цӕрӕгойы фыд мачи бахӕрӕд — фӕчъизи уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Хӕдмӕл фосы нӕрдтӕй, стӕй, сырдтӕ кӕй ныттоной, уыцы фосӕн сӕ нӕрдтӕй пайдагӕнӕн ис, фӕлӕ дзы хӕрӕн нӕй.
Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».
Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].
Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры.