26 Дӕ хионы пӕлӕз цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй хурныгуылдмӕ фӕстӕмӕ ратт,
Ды ницӕй тыххӕй дӕр де ’фсымӕртӕй цъынды домдтай, бӕгънӕгӕн-иу йӕ фӕстаг бызгъуыр дӕр раластай йӕ уӕлӕйӕ.
Сидзӕрӕн акӕнынц йӕ хӕрӕджы, идӕдзы гал цъындыйы байсынц.
Ӕхсӕв бӕгънӕгӕй ныххуыссынц, дзаума дӕр, стӕй, сӕхи уазалы цӕмӕй ӕрӕмбӕрзой, уый дӕр сын нӕй.
Дзидзидай сидзӕры йӕ мады риуӕй ратонынц, хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ сабиты байсынц цъынды.
Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.
Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.
Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн фӕстагмӕ йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн, искӕй усы ’вджид чи ныллӕуа, уымӕн дӕр — афтӕ.
никӕй ӕфхӕры, цъынды никӕмӕй исы ӕмӕ никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй бахай кӕны ӕххормагӕн ӕмӕ дарӕс ратты бӕгънӕгӕн,
чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,
йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ куы ратта, цы адавта, уый куы бафида, царддӕттӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы кӕна, уӕд цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.
Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар!
Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис.
Ӕрмгуырой цъынды райсӕн нӕй, уый искӕмӕн йӕ уд цъынды райсынӕй уӕлдай нӕу.