24 Мӕ маст рафыцдзӕн, ӕмӕ уӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, ӕмӕ уӕ устытӕ идӕдзӕй баззайдзысты, уӕ сабитӕ — сидзӕрӕй.
Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе ’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон.
Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн, Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын нӕ бауӕндыдаин.
Дӕ хъаруйы лӕдзӕг Дӕм арвитдзӕни Дунедарӕг Сионӕй — ӕлдариуӕг кӕн Дӕ алыварс знӕгтӕн.
Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн, ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ.
Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.
Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.
Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты!
Куы баззадыстӕм сидзӕртӕй, ӕнӕ фыдӕй, нӕ мадӕлтӕ идӕдзтӕ систы!
Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа, йӕхи дарынхъом куынӕуал уа, уӕд-иу ӕм фӕкӕс, ӕрцӕуӕггагмӕ кӕнӕ, уе ’хсӕн рӕстӕгмӕ чи ’рцӕра, уымӕ куыд фӕкӕсис, афтӕ. Уадз ӕмӕ дарддӕр цӕра дӕ разы.
Пайдайы охыл дзы мацы ис, тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Уадз ӕмӕ де ’фсымӕр дӕ разы цӕра.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».
Ӕндӕр искӕмӕй, дӕ бон у, исай уӕлӕмхасӕн ӕфтиаг, фӕлӕ дӕхи ’фсымӕрӕй ма ис, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уа дӕ къухвӕллойӕ алцыдӕр, кӕдӕм раст кӕныс ӕмӕ дӕхи кӕй бакӕндзынӕ, уыцы бӕстӕйы.
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын ӕй Уый нӕ ныббардзӕн, тӕригъӕд дын фидгӕ уыдзӕн.
Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын!