Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 22:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Куы сӕ ’фхӕрат, уӕд Мӕм ӕххуысагур сдзыназдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 22:23
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.


Ссӕст адӕм сӕ уӕзы бын хъӕрзынц, се ’фхӕрджыты къухы бын дзыназынц,


ӕмӕ рахизы уырдыгӕй, райгӕйӕ, раст цыма ногусджын — йӕ уатӕй; дугъы ауайы ӕхсызгонӕй.


Ӕнаххосӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн, уыдон мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты. Сбирӕ сты ме знӕгтӕ, азымджын нӕ дӕн, афтӕмӕй зилынц мӕ фӕдыл. Никӕй бастыгътон, афтӕмӕй мӕ агурынц фиддон.


уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.


Куы баззадыстӕм сидзӕртӕй, ӕнӕ фыдӕй, нӕ мадӕлтӕ идӕдзтӕ систы!


Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?


Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты.


Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.


Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе ’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа.


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ