21 Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар, ма ’фхӕр, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.
Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут.
Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн.
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.
Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр. Сымах зонут, ӕцӕгӕлон зӕххыл цӕрын куыд зын у, уый: уӕхӕдӕг дӕр Мысыры ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.
Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл, раст тӕрхон хӕссут, ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут, сидзӕры сӕрыл хӕцут, ма ӕфхӕрут идӕдзы.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.
ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.
Уӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй чи цӕра, уыдоны-иу ма ӕфхӕрут.
Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа, йӕхи дарынхъом куынӕуал уа, уӕд-иу ӕм фӕкӕс, ӕрцӕуӕггагмӕ кӕнӕ, уе ’хсӕн рӕстӕгмӕ чи ’рцӕра, уымӕ куыд фӕкӕсис, афтӕ. Уадз ӕмӕ дарддӕр цӕра дӕ разы.
сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе ’фсымӕрты ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр.
Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты.
Макуы атигъ кӕн дӕхи ӕрцӕуӕггагыл, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут Мысыры.
Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.
Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ ’фхӕрут.
Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.
Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсы бартӕ йӕ къӕхты бын чи кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“