Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 22:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 22:20
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта.


Иууылсудзинӕгтӕ хаст куы фесты, уӕд Йегу йӕ хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕн загъта: «Цӕугӕут мидӕмӕ ӕмӕ сӕ ныццӕгъдут, иу дӕр сӕ куыннӕуал баззайа, афтӕ!» Уыдон се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ уынгмӕ раппӕрстой, уый фӕстӕ Баалы кувӕндонмӕ бацыдысты.


Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна, уый та-иу мӕлӕтмӕ кӕй ратдзысты, ӕрыгон уа ӕви зӕронд, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг, уый та уӕлдай нӕ уыдзӕн.


Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр. Сымах зонут, ӕцӕгӕлон зӕххыл цӕрын куыд зын у, уый: уӕхӕдӕг дӕр Мысыры ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.


Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»


Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.


Уыимӕ сын загътон: ‚Алчидӕр уӕ аппарӕд, кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕдут, йӕ уыцы гуымирытӕ ӕмӕ уӕхи ма чъизи кӕнут Мысыры хуыцаугӕндтӕй. Ӕз дӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау‘


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Уӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй чи цӕра, уыдоны-иу ма ӕфхӕрут.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Дунедарӕгмӕ фехъуысти Израилы сомы, ӕмӕ йын ханаанӕгты йӕ къухмӕ радта. Израилӕгтӕ сын ӕлгъыстаг фӕкодтой сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сахартӕ дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хорма.


Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты.


Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.


Уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг фӕлтӕрӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн уыдзӕн.


Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ