19 Фосимӕ чидӕриддӕр ӕриу уа — мард ӕрцӕуӕд.
Стӕй уыцы куывддонты нывондхӕссӕнтыл аргӕвдын кодта кувӕн къуыбырты ӕппӕт сауджынты. Нывондхӕссӕнтыл басыгъта мӕрдты стджытӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ раздӕхти.
Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна, уый та-иу мӕлӕтмӕ кӕй ратдзысты, ӕрыгон уа ӕви зӕронд, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг, уый та уӕлдай нӕ уыдзӕн.
Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.
Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.
Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Ма ӕриу у фосимӕ, дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Сылгоймаг дӕр фосы бын ма ’рхуыссӕд — уый ӕлгъаг ми у.
Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.
Ӕрбынат кодтой израилӕгтӕ Ситтимы, ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдтой.
Йӕ фӕллой йын фӕзы астӕумӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ йӕ басудз иууылдӕр — Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывондӕн. Сахар мыггагмӕ хӕлддзӕгты кӕри фестӕд ӕмӕ ногӕй арӕзт макуыуал ӕрцӕуӕд.
йӕ ныхӕстӕ куы ’рцӕуой, ӕмӕ дӕ стӕй, кӕй никуы зыдтай, ахӕм хуыцӕутты фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын лӕггад кӕныныл куы ардауа,
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы сахартӕй искӕцыйы ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг куы разына, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, исты ӕвзӕрдзинад чи сараза ӕмӕ Йемӕ фидыд чи фехала;
уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, фосимӕ чи схуысса, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“