17 Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.
Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.
Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон.
Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.
Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;
уӕд ӕрыгон чызджы фыдӕн хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, чызджы та ракура, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йемӕ цӕргӕ у.
Саул сын бафӕдзӕхста: «Зӕгъут Давидӕн: паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы, ӕрмӕст ын йе знӕгтӕй йӕ маст райс — амар сӕдӕ филистимаджы, сунӕт сын скӕн ӕмӕ сын сӕ лыггӕгтӕ паддзахмӕ ӕрбахӕсс». Саул йӕ зӕрдӕ дардта, ныр Давид филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.
Уӕдмӕ Самуел амарди. Фӕхъыг ыл кодтой Израилы адӕм, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Рамайы, йӕ сахары. Ныр Саул та бӕстӕйӕ фӕсырдта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныты.