33 Исчи цъайы сӕр куы байгом кӕна кӕнӕ цъай куы скъаха ӕмӕ йӕ гомӕй куы ныууадза, ӕмӕ уырдӕм гал кӕнӕ хӕрӕг куы ныххауа,
Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.
уӕд ын йӕ хицауӕн хъуамӕ цъайы хицау йӕ аргъ бафида, фосы мард та йӕхи фӕуӕд.
Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы, уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.
Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.
Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай.
Ӕвиппайды сӕм ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ куы ’рбакӕнай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд хъӕрзын, уымӕн ӕмӕ уыдон ме ’рцахсынӕн дзыхъхъ скъахтой, мӕ къӕхтӕн мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдтой!
Искӕй фосӕй чи амара, уый йӕ бафидӕд, сӕр сӕры ныхмӕ.