31 Искӕй лӕппуйы кӕнӕ чызджы куы ныццӕва гал, уӕд дӕр ӕххӕст кӕнын хъӕуы ацы уагӕвӕрд.
Гал йӕ сыкъатӕй нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕна, уӕд ӕй дурты бын фӕкӕнын хъӕуы. Йӕ дзидза йын хӕрӕн нӕй. Галы хицау ницы аххосджын у.
Науӕд та хицау йӕхи царды ныхмӕ бафидӕд, цас дзы бацагурой, уыйас.
Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.