23 Сылгоймаг амард, зӕгъгӕ, уӕд та йӕ амарӕг дӕр хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Йӕ адӕмӕй искӕй чи фӕсахъат кӕна, уымӕн йӕхицӕн дӕр афтӕ бакӕнын хъӕуы:
стӕгсасты ныхмӕ — стӕгсаст, цӕст — цӕсты ныхмӕ, дӕндаг — дӕндаджы ныхмӕ. Искӕй куыд фӕсахъат кодта, афтӕ йын йӕхи дӕр хъӕуы фӕсахъат кӕнын.
Марӕджы балхӕныны ныхмӕ ахӕстаргъ ма исут. Уый ӕнӕмӕнг амарын хъӕуы.
Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!