Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 21:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Исчи йӕ цагъары, нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы, лӕдзӕгӕй куы ныццӕва ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы ӕрбамара, уӕд ахӕм хицау бафхӕринаг у.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 21:20
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.


Кӕд Каины царды ныхмӕ авд лӕджы хъуамӕ амӕла, уӕд Ламехы царды ныхмӕ та — ӕвдай авд».


Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.


стӕй фӕстӕдӕр куы рабада ӕмӕ уынгмӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуын куы райдайа, уӕд йӕ ныццӕвӕг ӕфхӕрд ма баййафӕд, фӕлӕ йын, йӕ куыстӕй йӕ цы рӕстӕг бакъуылымпы кодта, уый ӕмӕ йе сдзӕбӕх кӕныны аргъ бафидӕд.


Ӕцӕг, цӕф кӕуыл ӕруад, уый ма иу кӕнӕ дыууӕ боны куы ацӕра, уӕд хицауы ӕфхӕрын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цагъар йӕ исбон у.


Цагъарӕн ӕрмӕст ныхӕстӕй зонд нӕ бацамондзынӕ, куы сӕ бамбара, уӕд дӕр сӕм йӕ хъус не ’рдардзӕн.


Кӕмфӕнды йыл куы бамбӕла, уӕддӕр тугисӕгӕн йӕ бон у марӕджы амарын.


Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.


Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ