15 Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыдмӕ йӕ къух чи сиса, уый хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Барӕй, йӕ фыр налатӕй, чи амара искӕй, уый та амарын хъӕуы, Мӕ нывондхӕссӕны цур йӕ сӕр куы бафснайа, уӕддӕр.
Искӕй чи адава ӕмӕ йӕ чи ауӕй кӕна, науӕд давд адӕймаджы кӕмӕ ссарой, уый хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, сусӕгӕй искӕй чи амара!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн,