13 Ӕцӕг ын кӕд ӕнӕбары рауад ацы фыдми — Хуыцауы фӕндонӕй йын афтӕ рауад, — уӕд ын бацамондзынӕн, йӕ сӕр бафснайынмӕ кӕдӕм алидза, ахӕм бынат.
Паддзах загъта: «Цы уӕ фӕнды, Церуайы фырттӕ! Уымӕн мӕ ӕлгъиты, ӕмӕ йын Дунедарӕг афтӕ загъта. Уӕд ын кӕй бон у, афтӕ цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, бауайдзӕф кӕнын?»
Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Левиттӕн кӕй раттат, уыцы сахартӕй ӕхсӕз ӕмбӕхсӕндонӕн рахицӕн кӕндзыстут, цӕмӕй-иу лӕгмар уырдӕм алидза; уыдоны ӕдде ма сын раттут ноджы дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сахары.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.
Дунедарӕг Йешуайӕн загъта:
Загъта Саулӕн: «Давид дын фыд ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ дын чи дзуры, уыдоны ныхӕстӕм цӕмӕн хъусыс?
Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй.
Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,