26 Нывондхӕссӕнмӕ къӕпхӕнтыл ма хиз, цӕмӕй йӕм дӕ худинаг ма разына.
Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.
Гӕнӕй сын бауафын кӕн цыбыр, зӕнджы фӕтасӕнтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм хӕлӕфтӕ — сӕ худинаг ӕмбӕрзынӕн.
Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.
Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.
Нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый дӕр — цыппаркъуымон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ — цыппӕрдӕсгай ӕлмӕринтӕ. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, уый у ӕмбисӕлмӕрины ӕрфӕн, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд та у иу ӕлмӕрин».
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн».