Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 20:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Нывондхӕссӕн Мын дурӕй куы аразай, уӕд дуртӕ ма лӕгъз кӕн: дӕ сарт дуртыл куыддӕр бандзӕвын кӕнай, афтӕ сӕ фӕчъизи кӕндзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 20:25
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.


Иууылсудзинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн уыди цыппар фынджы, карст дуртӕй амад, алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ дӕргъ уыди ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх дӕр — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд та — ӕлмӕрин. Уыдоныл ӕрӕвӕрынц иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывондӕгты дзидзатӕ ӕмӕ ӕргӕвдӕн кӕрдтӕ. Къултыл алырдыгӕй — къӕпсыртӕ фидаргонд, армытъӕпӕны йӕстӕ.


Сарӕзта йӕ, Дунедарӕджы цагъар Моисей израилӕгтӕн куыд бацамыдта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ: ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдӕуыд, ахӕм дуртӕй. Дунедарӕгӕн ыл ӕрхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ