Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 20:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 20:17
41 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ.


Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон».


Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.


Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,


Алцыдӕр йӕ бындурӕй куы фехӕлди, уӕд ма рӕстуды бон цы у?


Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.


Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.


кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.


Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон, цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй Мӕхи ӕмбӕхстон, фӕлӕ уӕддӕр кодтой, сӕхи цы фӕндыди, уый.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ.


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Быдыр сӕ бахъӕуа — бацахсынц ӕй, хӕдзармӕ бабӕллой — байсынц ӕй; нӕ ауӕрдынц нӕдӕр лӕгыл, нӕдӕр йӕ бинонтыл, байсынц ын йӕ исбон.


Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн!


Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“


Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.


Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы».


«Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый.


нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр хахуыргӕнджытӕ, нӕдӕр фӕлитойтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.


Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн уӕм хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа — сыгъдӕджытӕн афтӕ не ’мбӕлы.


Сымах хъуамӕ зонат: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн — уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, — Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.


Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.


Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.


Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.


Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».


цы ӕфтиаг райстам, уый ӕхсӕн федтон шинараг пӕлӕз — ӕвӕджиауы рӕсугъд, стӕй дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы бӕрц та сыгъзӕрины къӕртт. Тынг сӕм бацыбӕл дӕн ӕмӕ сӕ райстон. Ныр ӕмбӕхст сты мӕ цатыры, зӕххы бын; ӕппӕты бынӕй — ӕвзист.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ