13 Ма амар.
Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.
Паддзах Иоас ферох кодта, Йехода йын цы хӕрзты бацыди, уый, ӕмӕ йын йӕ фырты амарын кодта. Уый ма мӕлгӕ-мӕлын сфӕрӕзта: «Дунедарӕг алцыдӕр уыны ӕмӕ мын мӕ туг райсдзӕн».
Иу иннӕйы ныццавта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй амардта, зӕгъгӕ, уӕд йӕхӕдӕг дӕр мард ӕрцӕуӕд.
Барӕй, йӕ фыр налатӕй, чи амара искӕй, уый та амарын хъӕуы, Мӕ нывондхӕссӕны цур йӕ сӕр куы бафснайа, уӕддӕр.
Исчи йӕ цагъары, нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы, лӕдзӕгӕй куы ныццӕва ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы ӕрбамара, уӕд ахӕм хицау бафхӕринаг у.
Фӕлӕ кӕд, гал цӕваг у, уый йӕ хицау зыдта ӕмӕ йӕ нӕ хъахъхъӕдта, афтӕмӕй йӕ гал нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы амардта, уӕд уыцы галы хъӕуы дурты бын бакӕнын, йӕ хицауы та — амарын.
Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.
Цыбӕл дӕ кӕндзысты: «Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм, сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».
Адӕймаджы чи амара, уый мард ӕрцӕуӕд.
Фос чи амара, уый йӕ бафидӕд, адӕймаджы чи амара, уый та мард ӕрцӕуӕд.
Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын ранымадта: «„Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын зоныс: „Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Ма сай“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».
Ды фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».
Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
«Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».
хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.
Ма амар.
Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн,
«Ма хӕт» Чи загъта, «Ма амар» дӕр Уый загъта. Кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ искӕй марыс, уӕд ӕгъдаухалӕг дӕ.
Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.