Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 2:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 2:24
33 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Авраамӕй рантысдзӕни нымӕцӕй бирӕ ӕмӕ хъомысджын адӕм. Авраамы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,


Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн.


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн».


Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дунедарӕджы зӕрдӕ фӕсасти ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Нал Ӕй бафӕндыд сӕ фесафын ӕмӕ сӕ нал аздӕхта Йе ’ргом.


Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:


Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йӕ хъомысджын зӕдтӕ, Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, Йӕ ныхасмӕ хъусджытӕ.


Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой, цагъартӕ сӕ фестын кодтой.


Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.


Ме знӕгтӕн сӕ цӕстыты раз мын фынг ӕрӕвӕрдтай, мӕ сӕр мын оливӕйы сойӕ байсӕрстай: мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй.


Йӕ аууонӕй ӕрӕмбӕрзта хӕхтӕ, егъау кедрты къалиутау райрӕзтысты Йӕ къабузтӕ.


Ныр Ӕз фехъуыстон, израилӕгтӕ Мысыры ӕфсондзы бын куыд дзыназынц, уый, ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд.


Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон.


Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.


Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ