20 «Ӕмӕ цы фӕци? — бафарста уый йӕ чызджыты. — Цӕуылнӕ йӕ ӕрбахуыдтат? Фӕдзурут ӕм, ӕмӕ немӕ къӕбӕр бахӕра».
Уӕ цагъарӕн йӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын ӕз ӕрӕвӕрдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕхъуыртхъом уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз, куыд загътай, афтӕ бакӕн».
Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта,
Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.
Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Йосефы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕттӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.
Фӕндаггон-иу ӕхсӕвыгон уынджы нӕ баззад, мӕ дуар ын кӕддӕриддӕр гом уыд.
Ӕрбацыдысты йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны.
Уыдон ын загътой: «Цавӕрдӕр мысыраг нӕ сӕрыл рахӕцыди фыййӕутты раз, суанг ма нын дон дӕр систа ӕмӕ бадардта нӕ фыстӕн».
Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы.
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.
Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.