20 Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохы сӕрыл Дунедарӕджы раз ӕрлӕуу!» Уалынмӕ тӕссаг ӕмӕ тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ фаркгай фӕхаудысты, къӕдзӕхтӕ базгъӕлӕнтӕ сты, фӕлӕ Дунедарӕг дымгӕйы мидӕг нӕ разынд. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысти, фӕлӕ уым дӕр нӕ разынди Дунедарӕг.
Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.
фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».
цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.
Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ:
Уыйадыл Моисей хохы сӕрмӕ ссыд. Мигъ бадти хохыл:
Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу.
Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй.