18 Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.
Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.
Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг пец ӕмӕ пиллонуадзгӕ цырагъ кусарты хӕйттӕн сӕ тӕккӕ астӕуты ацыдысты.
Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.
Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.
Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.
Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»
О мӕ уд, дӕхимӕ ӕрцу ӕмӕ ӕрсабыр у — Дунедарӕг дӕ схайджын кодта Йӕ хорзӕхӕй!
Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл, Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл.
Дунедарӕджы амындтытӕ рӕстаг сты, зӕрдӕ сӕ райы. Йӕ фӕдзӕхстытӕ рухс сты — байгом кӕнынц цӕстытӕ.
Ме ’фсымӕртӕн сдӕн искӕйон, мӕ мады зӕнӕгӕн — ӕцӕгӕлон.
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд».
Моисей сӕ рӕсӕнуатӕй Хуыцауы размӕ акодта, ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты.
Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.
Пиллӕттӕ уадзӕг артау зынди хохы сӕрӕй Дунедарӕджы кад израилӕгтӕм.
Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы.
Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу.
Сӕ хъӕрмӕ нынкъуыстысты Кувӕндоны къӕсӕртӕ, фӕздӕгӕй байдзаг ис агъуыст.
Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!
Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.
Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.
Лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта Дунедарӕг уемӕ хохы сӕр, арты хуылфӕй.
Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.
Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.
Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах;
Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ.
Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, стыр пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалди фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй хур ӕмӕ уӕлдӕф ныттар сты.
Синайы Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз, рызтызты хӕхтӕ.