15 ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».
ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.
цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.
Моисей хохӕй адӕммӕ ӕрхызт ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Адӕм ныхсадтой сӕ дарӕстӕ дӕр,
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Фӕсидут адӕммӕ, саразут ӕмбырд, ӕрбахонут зӕрӕдты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Уадз, усгур рацӕуа йӕ уатӕй, чындз рахиза йӕ хатӕнӕй.
Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд-иу сӕхи цынайӕнт. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзысты.
Уӕдӕ дын ныр Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, Израил! Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дӕ Хуыцауы фенынмӕ!
ӕртыккаджы — урсытӕ, цыппӕрӕмы — хъулӕттӕ, тӕппытимӕ.
Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон.
Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.
Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ут ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ — ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, — цӕмӕй та уый фӕстӕ ӕриу уат, ӕмӕ уӕ сайтан ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй.