14 Моисей хохӕй адӕммӕ ӕрхызт ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Адӕм ныхсадтой сӕ дарӕстӕ дӕр,
Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.
ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.
уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,
Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд».
ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».
арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы.
Давид ын дзуапп радта: «Хӕстон балцы куы рацӕуӕм, уӕд сылгоймӕгтӕ тобӕгонд вӕййынц махӕн. Нӕ балц Хуыцауы номыл куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр мӕ адӕм куы никуы фӕчъизи кӕнынц сӕхи, уӕд абон куыннӕ хъуамӕ баззадаиккой сыгъдӕгӕй?»